Уæллаг Мызур
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Уæллаг Мызур у хъæу Цæгат Ирыстоны Уæлладжыры комы, Урсхохы рæбын. Рагон заманы, Мызуры посёлочы (Æрыдоны галиу фарсыл) фæзынды размæ хуындис Мызур. Йæ фарсмæ цы чысыл хъæутæ уыди, уыдонимæ та æмбырдæй — Стыр Мызур. Ис дзы историон æмæ архитектурон цыртдзæвæнтæ — зæппæдзтæ, мæсгуытæ, 1890 азы арæзт аргъуан.
Уæллаг Мызуры цы сывæлæттæ цæрынц, ахуырмæ Мызуры посёлокмæ фæцæуынц[1].
Remove ads
Истори
Æрыдоны доны галиу фарсæй фæндагмæ бæрзонд къæдзæхы сæрæй коммæ æмæ Уæлладжыры бирæ хъæутæм зынынц авдуæладзыгон дыууæ мæсыджы. Уыдон сты Стыр Мызуры цæрджытæ Дзуццатæ æмæ Таматы хъахъхъæнæн мæсгуытæ.
Стыр Мызуры алыварс чысыл кæмтты, уæлвæзты æмæ хæхты рæбынты апырх сты Мызуры æхсæнады хъæутæ: Ксурт, Ногхъæу, Сахæгкатæ, Сулартæ, Гусойтæ, Мызур, Уæллаг хъæу æмæ Дæллаг хъæутæ.[2]
Мыггæгтæ
Ам, Стыр Мызуры, Мызуры, Уæллаг хъæуы æмæ Дæллаг хъæуты цардысты Сидæмоны, Цъæхилы æмæ Цæразоны къабæзтæ[2]: Зæнджиатæ, Сохитæ, Гæлæутæ, Хацъæтæ, Таматæ, Бутатæ, Къодотæ, Сулартæ, Мæрзойтæ, Габолатæ, Гадзалтæ, Таболтæ, Хохтæ, Саулатæ, Елойтæ, Хæмæтæтæ, Гусойтæ, Дзиуатæ, Быгъуылтæ, Æфсæрæгтæ, Тогызтæ, Хацъæтæ, Багъратæ, Габысатæ, Сæлбитæ, Бицъотæ, Дзуццатæ.[3]
Фиппаинæгтæ
Литературæ
Æддаг æрмæг
Къамтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads