From Wikipedia, the free encyclopedia
Иоганн Гуттенберг (нем. Johannes Gensfleisch zur Laden zum Gutenberg; райгуырдис 1390-æм азты — амардис 1468-æм азы 3 февралы), уыдис немыцаг типограф. Зындгонд сси йæ мыхуыр кæныны куысты тыххæй 1450-æм азты, æмæ нымад у, типографи чи æрхъуыды кодта, уыцы адæймагыл.
Иоганн Гутенберг | |
---|---|
нем. Johannes Gutenberg | |
Гуырæн ном | нем. Johannes Gensfleisch zur Laden zum Gutenberg |
Райгуырды датæ | не ранее 1393 æмæ не позднее 1406 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | не позднее 1468-æм азы 26 февралы |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Архайды хуыз | æрымысæг, типограф, гравёр, инженер, куырд, ювелир, минцмейстер |
Фыд | Фриле Генсфлейш[d][1] |
Мад | Эльза Вирих[d][1] |
Викикъæбицы медиа |
Гутенберг райгуырдис Майнцы, сæудæджеры хæдзары. Хуымæтæг адæймаджы цард кодта, æмæ уый тыххæй, уыцы рæстæджы æндæр бирæ адæймæгтау, йæ царды тыххæй бирæ зонындзинæдтæ ссарæн нæй, æмæ хорз цардафыст уымæн нæй.
Гутенберг æрхъуыды кодта металлон æмтад мыхуыр кæнынæн; мыхуыры ахорæн; наборы дамгъæтæ сфидар кæныны амал; æмæ ног мыхуыры тæрх. Ивгæ наборы идейæ ног нæ уыдис — Гутенберджы размæ уымæй пайда кодтой Китайы, кæс Мыхуыркæнынад.
Набор куы нæма фæзынди, адæм кодтой алы хицæн фарс згъæр кæнæ хъæдæрмæгæй. Набор куы фæзындис, фарс наборгæнджытæ аразын байдыдтой хицæн дамгъæтæй. Уый фæрцы мыхуыркæнынад сси тагъддæр æмæ асламдæр. Уымæй та æрцыдис «информацион срæмыгъд» — цыбыр рæстæгмæ адæм байдыдтой алыхуызон темæтыл чингуытæ уадзын.
Гутенберг хорз амалиуæгдар нæ разындис, йæ типографи йын байста йæ партнёр Иоганн Фуст.
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.
Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.