Ереван

From Wikipedia, the free encyclopedia

Ереванmap
Remove ads

Ерева́н (сом. Երևան [jɛɾɛˈvɑn]) у Сомихы сæйраг сахар. Уый у паддзахады стырдæр сахар. Цæрынц дзы 1 075 100 адæймаджы.

Краткие факты Ереван, Паддзахад ...

Ереваны чи цæры, [jerevanciner], уыдонæй фылдæр хай дзурынц скæсæн-сомихаг æвзаджы еревайнаг диалектыл. Ацы диалекты ис бирæ дзырдта рагон сомихаг æвзаг грабарæй, диалектмæ зынгæ тæваг хæццæ кодта персайнаг æмæ уырыссаг æвзæгтæй. Сомихаг диаспорæйы цæрджытæй дунейы иннæ ратты сæ фылдæр дзурынц ныгуылæн-сомихаг æвзагыл. Мингай сомихæгтæ ралыгъдысты Ереванмæ регионы иннæ бæстæтæй (Ирак, Иран, Турк, Грекъ, Сири) советон дуджы фыццаг азты[3], 1921-æм азæй 1936-æм азы онг; уый руаджы Ереван сси иуадæмон сахар, иннæ советон республикæты хъауджыдар.

Remove ads

Географи

Thumb
Сахары къам спутникæй

Ереван æрбынат кодта Арараты лагъз быдыры цæгат-скæсæны, Сомихы уæлвæзы астæу. Сахар цы платойыл лæууы, уый æртæ фарсæй æхгæд у хæхтæй — йæ цæгат-ныгылæны ис Арагацы хох, цæгаты — Канакеры хæхтæ, скæсæны та — Гегамы хæхтæ. Хуссарырдæм Ереваны фæз ныллæгдæр кæны цæугæдон Араксы ’рдæм, уый фæстæ та фенæн ис Арараты дыууæ цъуппы.

Ереваны рельеф тынг алыхуызон у, æмвæзады ивдтытæ сты 400 метры онг. Сахары ууылты аив комы мидæг кæлы Разданы цæугæдон.

Ереваны генералон пълан сарæзта архитектурæйы академик Александр Таманян 1924-æм азы. Таманяны пъланы нымады сты рельефы хицæндзинæдтæ æмæ, сахары цы дымгæтæ арæхдæр вæййынц, уыдон дæр[4].

Ереваны бæстыхъæд у хус континенталон, рæстæмбис температурæ у 11,8 °C, сæрды +25 °C, зыæджы та −4-5 °C, æппæты фылдæр +42 °C, æппæты къаддæр −31 °C. Европæйы сæйраг сахарыт ’хсæн Ереваны ис стырдæр хъауджыдардзинад сæрды æмæ зымæджы рæстæмбис температурæты ’хсæн[5].

Remove ads

Истори

Ереваны бындурæвæрдыл нымад у Урартуйы фидар Эребунийы арæзтад паддзах Аргишти I-æмы барамындмæ гæсгæ[6][7][8][9][10]. Нæ эрæйы агъоммæ 782 азы ардæм Сомихы уæлвæзы иннæ регионтæй ласт арцыдысты 6600 уацайраджы. Эребунийы ном та, ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, баст у этноним эри-имæ[11]. Эребуни уыдис ныры Ереваны хуссайраг кæроны.

Сомихаг таурæгътæм гæсгæ Ереваны ной уыд библийаг Нойы хъæрахст «Еревац!» (Мæнæ уый!), Ной Арараты цъупп куы федта доны уæле, уæд[12]. XVII æнусы балцгæнæг Жан Шарден фыссы: «Эривань, сомихæгты ныхæстæм гæсгæ, у дунейы рагондæр сахар. Уыдон куыд фæзæгъынц, Ной йæ мыггагимæ æрцардис донивылды агъоммæ, уый фæстæ та дæлæмæ ныццыдис хохы цъуппæй»[13]. Таурагъон верси у адæмон этимологийы дæнцæг, кæй зæгъын æй хъæуы[14].

Thumb
Аргъуан Катогике, 1264 азы арæзт[15]

Сомихаг астæузаманы ратæдзæнты Ереваны фыццаг кой цæуы 607-æм азы. 660-æм азы сахар араббæгты дæлбар баци. Фæстæдæр сомихаг хибардзинад куы рацарæзтой, Ереван æмæ йæ алфамбылай зæххытæ уыдысты Багратидты Анийы паддзахады.

XIII æнусы Ереваны райгуырдис поэт Тертер Ереванци[16].

XIV æнусы сахары цардысты 15-20 мин адæймаджы, фæлæ 1387-æм азы æрбацæуæг манголты æфсад сахар ныппырх кодтой[17], ууыл йæ чиныджы фыссы уыцы цауы æмдугон Григор Хлатеци (1349—1425)[18]

Манголтæ сахары уагътой сæхи згъæрæхца, фыстой дзы сахары ном дæр. Манголты фæстæ сахары хицаутæ систы туркомантæ Кара-Коюнлу æмæ Ак-Коюнлу, уыдоны рæстæг Ереван уыд ахсджиаг культурæйы артдзæст.

Фыццаг уырыссаг-персайнаг хæсты рæстæг уырыссаг æфсад Эриваны (Ереваны) фидар цалдæр хатты райсыныл архайдтой, æмæ уый æрмæстдæр Паскевичы къухы бафтыд (æмæ уый тыххæй уый райста Эриваны кънйазы кадджын ном)[19]; Туркманчайы бадзырдмæ гæсгæ Эриваны ханад Уæрæсейы империйы скондмæ бацыдис. 1828-æм азы уырыссаг паддзахы бардзырдмæ гæсгæ[20] кæддæры Эриваны ханад æмæ Нахичеваны ханад баиу кодтой æмæ схуыдтой Сомихы облæст, кæцыйæн йæ сæйраг сахар сси Эривань (1849-æм азæйЭриваны губернæ).

Туркманчайы бадзырдмæ гæсгæ сомихаг адæмыхатты цæгатаг Персы цæрджытæ ралыгъдысты Уæрæсейы зæххытæм, æртæ мæймæ 8 мин сомих мыггагæй фылдæр æрцардысты Сомихы облæсты зæххыл[21][22], уыцы-иу рæстæг пысылмон цæрджытæ ралыгъдысты Персимæ.

Remove ads

Æфсымæрон сахартæ

Thumb
Сахары иумæйаг уынд сæрды


Thumb
Сахары уынд зымæгон бон

Кæс ноджы

Фиппаинæгтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads